ruРу
enEn
deDe

Ӕмӕ кӕм ис усгур?

Усгур та ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чындзӕхсӕвы йӕхи хъуамӕ ма ӕвдиса. Фӕлӕ,  хъыгагӕн, ныртӕккӕйы рӕстӕджы ус ракурыны фӕнд чи кӕны, уыдоны  нымӕц къаддӕрӕй къаддӕр кӕны.

         Уымӕн та бирӕ ахоссӕгтӕ и, ӕмӕ сӕ тынг хорз зонӕм: ӕфсӕддон хӕс, нӕй фӕрӕзтӕ бинонтӕ дарынмӕ, иуӕй-иу усгурты та ма хъыгдарынц  сӕхицӕн цы  мӕнг проблемӕтӕ ӕрымысынц, уыдон. Чи зоны мæнг сты, чи зоны ӕцӕг, фӕлӕ стыр зиан хӕссынц нӕ нацийӕн.Уымӕ гӕсгӕ ацы проблемӕтӕ  хъӕуы аиуварс кӕнын.

       Ӕз, куыд социалон прагматик, уайтагъд райдайын агурын проблемӕ аскъуыддзаг кӕныны мадзал.

       СВО бауыромын мӕ бон нæу. Усгурты сифтонг кӕнын аккаг мыздӕй? Ахӕм пълӕнттӕ ис. Фӕлӕ хабӕрттӕ куыд цӕудзысты дарддӕр, уый бӕрӕг нӕма у. Стӕй ацы фарста афтӕ тагъд лыггонд не' рцӕудзӕн.

         Ӕмӕ кӕд нӕ бон у, уӕд  хъуамӕ райдайӕм бинонтӕ чи нӕма скодта, уыцы нӕлгоймӕгты зондахастыл кусын. Фыццаджыдӕр, стыр бинонтӕ дарынмӕ фаг материалон фӕрӕзтӕ кӕмӕ и, уыдоныл.

         Мæнмæ гæсгæ хъæуы психологион ӕмӕ репутацион мадзал ссарын  ӕнӕус ӕмӕ ӕнӕзæнæг нӕлгоймӕгтӕн, цæмæй сæ сразæнгард кæнæм бинонты хъуыддаг бакæнынмæ. Ногæй дæр дзы ницы ис, уырыссагау куыд фæзæгъынц, ногæй Амырык гом кæныны сæр нæ нæ бахъæудзæн, уымæн æмæ ахӕм фæлтæрддзинад уыд нæ фыдæлтæм.

        Зӕгъӕм, профессор Тахъазты Федары ныхӕстӕм гӕсгӕ, рагон заманты-иу куывдты рӕстӕджы ӕнӕус ӕмӕ ӕнӕзæнæг нӕлгоймӕгты нӕ уагътой бадын хистӕртимæ фынджы уӕлхъус, нӕлгоймаг цыфӕнды кары куы уыдаид, уӕддӕр. Куыд ӕй ӕмбарын, афтӕмӕй  нӕ фыдӕлтӕ сӕ фынджы фӕткӕй ахадыдтой ӕнӕус нӕлгоймӕгтыл. Цӕмӕй уыдон рӕзгӕ фӕлтӕрӕн ӕвзӕр дӕнцӕг ма уой.

         Мах хъæуы уымæ ноджы дӕрддӕр акъахдзæф кæнын. Куывдты ӕмӕ чындзӕхсӕвты рӕстӕджы фынджы уӕлхъус хъӕуы хицӕнӕй бадын кӕнын бинонджын ӕмӕ бинонтӕ чи нӕма скодта, уыцы нӕлгоймӕгты. Ӕнӕус нӕлгоймӕгтӕ сӕхӕдӕг равзарӕнт: кӕнӕ сбадӕнт сылгоймӕгты фарсмӕ, кӕнӕ ӕппындӕр ма рбадӕнт.

           Мӕнмӕ гӕсгӕ, ирон адӕмы хъӕуы се  ‘ргом раздахын ӕнӕзӕнӕгдзинады проблемӕмӕ. Ацы фарста у тынг ахсджиаг, хъӕуы йæм лӕмбынӕг ӕркӕсын, цӕмӕй нӕ ирон этнос бахъахъхъӕнӕм. Ацы хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй, уый уыдзæн стыр фыдракæнд куыд нæ историйы, афтæ нæ фидæны раз дæр. Хъуыддагмæ бавналын хъæуы арæхстгай, хъуыды гæнгæйæ, алы фæзилæн дæр развæлгъау сбаргæйæ.

          Нӕ хъӕппӕрис уал адæмы рæгъмæ хæссæм, цæмæй йыл æрдзурæм, бауынаффæ кæнæм, куыд хуыздæр æй сæххæст кæнæм. Ӕрмӕст нæ ныхасмæ, нæ уынаффӕмæ хонӕм бинонтӕ чи скодта ӕмӕ цот чи хъомыл кӕны, уыцы ирон нӕлгоймӕгты. 

 

Комментариев нет.Авторизируйтесь, чтобы добавить комментарий.