ruРу
enEn
deDe

Миграци амæ Æгъдау

Миграци у ӕхсӕнадон царды чи ныффидар, ахæм фӕзынд. Алантӕ та рагӕй дӕр уыдысты миграцион змӕлды разӕнгард архайджытӕ.

Ирон лӕгӕн балц у фыдӕлтӕй баззайгӕ националон хиæмбарынады ӕнӕмӕнг хай.

Фӕлӕ абон нæ адæм цы демографион депрессийы ахæсты бахаудтой, уый домы, цæмæй ӕндӕр хуызы ӕркӕсæм "балцы" мидисмæ, цæмæй йæм аивæм нæ ахаст. Йӕ Райгуырӕн бӕстӕйы ма цы ирон адӕм цӕры, уыдоны нымӕц къаддӕрӕй къаддӕр кӕны, уыимæ ацы фæзынды аххоссæгтæй иу у миграцион процесс.

 Уымӕ гӕсгӕ националон бӕрнон  ирон адӕймаг, ӕххӕст кармӕ фӕцӕргӕйӕ, хъуамӕ мбараРайгуырӕн бӕстӕйӕ ацыд ӕндӕр регионмӕ ӕдзух цӕрынмӕ, зынгӕ зиан хӕссы йӕ историон зӕххы этносы нымӕцӕн.

Уымӕ гӕсгӕ Ирыстоны чи райгуырд æмæ йæ æххæсткары чи бацыд, йæ адæмы сомбоныл йæ зæрдæ кæмæн риссы, алы ахæм ирон адӕймаг дæр хъуамӕ мбара: Райгуырӕн бӕстӕйӕ ӕндӕр регионмӕ ӕдзух цӕрынмӕ цæугæйæ, зынгӕ зиан хӕссы йӕ фыдæлты зӕххыл цæргæйæ чи баззад, уыцы ирон адæмы нымӕцӕн)

Ахӕм ирон лӕгӕн йӕ бон йӕхи схонын у "хӕсджын ирон" ("ихӕсгин дигорӕ"). Æфхæрдæн мачи айсæд ацы ныхæстæ – æндæр у сæ нысан. Йӕ фыдыуæзæг чи ныууагъта, ахæм адæймæгтыл уыдон хӕс ӕвӕрынц, цæмæй Райгуырӕн бӕстӕйы цы демографион программӕтӕ æххæстгонд цæуынц, уыдоны архайой дывӕр хъарутимæ: хӕссой сæм моралон, информацион ӕмӕ фӕрӕзджын бавӕрд. Ацы хæсæй уæгъдгон цæуынц æрмæст æххӕст кармӕ чи нӕмӕ бахызт, уыцы сывӕллӕттӕ ӕмӕ йӕ ӕнӕниздзинад хъыгдӕрд кӕмӕн у, ахӕм адӕм.

Уымӕй уӕлдай ма Ирыстоны чи схъомыл, фӕлӕ стӕй ӕндӕр регионмӕ цӕрынмӕ чи ацыд, алы ахæм бӕрнон ирон адӕймаг хъуамӕ ӕмбара, фыдӕлты зӕхмӕ раздӕхын ын ӕнӕмӕнгсæххæстгæнгæ хæс кæй у. Фӕлӕ Ирыстоны цы рӕстӕг нӕй, уый та хъуамӕ дывæр хъаруимӕ сараза йӕ Райгуырӕн бӕстӕйы демографион прграммӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ.

        Уымӕ гӕсгӕ "Ирон ӕгъдау"-мӕ бахӕссын хъӕуы ног националон миграцион уагӕвӕрд. Уый хъуамæ  сфидар кӕна ирон адӕмы фидæны съезд (уанел).

Ирыстоны чи райгуыд ӕмӕ схъомыл, ахæм алы ирон адӕймаг дæр йæ Райгуырӕн бӕстӕйӕ куы ацæуа ӕхца бакусыны охыл кæнæ рӕстӕгмӕ цӕрынæн, уæд иудадзыг дӕр хъуамӕ йæ хъуыдыйы дара, æнæмæнг æй фӕстӕмӕ йӕ фыдӕлты зӕхмӕ раздӕхын кæй хъæуы.  Уымӕй уӕлдай ма Ирыстонæй дæрддзæф цы ирон адӕймаг цӕры, уый хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ, барвӕндонӕй,  разӕнгардæй архайа кæм цæры, уымы ирон диаспорæйы царды. Йæхицæн хæцыл хъуамæ нымайа  йæ Райгуырӕн бӕстӕйы цы националон демографион программатӕ ис,  уыдонмæ нысангонд бавӕрæн бахӕссын.

           Ирон адӕймаг куы 'мбара, исты аххосæгты тыххӕй йӕ фыдыуæзæгмæ раздӕхын йӕ къухы нæ бафтдзæн, зæгъгæ, уӕддӕр хъуамӕ йӕ фæстагæтты хъомыл кӕна националон традицитӕм гӕсгӕ, фӕдзӕхса сын сӕ историон фыдыбӕстӕмӕ расдзӕхынмæ тырнындзинад.

        Чи ӕххӕст кӕндзӕн ацы уагӕвӕрд? Фыццаджыдӕр, Ӕгъдауӕн аргъ чи кӕны, уыдон. Абоны бон ахӕм адӕм бирӕ не 'сты, фӕлӕ ацы уагӕвӕрд ӕххӕст кӕнгӕйӕ, дӕнцӕгӕн бӕздзысты иннӕ ирӕттӕн дӕр. Стӕй ацы уагæвæрд, стæй иннæ уагӕвӕрдтӕ дæр ирон адæмы съезд (уанел), уый сфидар кæна, æмæ сæ сывӕллӕтты зондахасты уадзын куы райдайæм, уӕд ахæм адæймæгты нымӕц ноджы цалдӕр хатт фӕфылдӕр уыдзӕн.

        Ӕмбарын уын уӕ дис, чи зоны, ӕмӕ мӕсты дӕр суат радон къӕйных идеологон хъӕппӕристимæ базонгæ уæвгæйæ. Фӕлӕ кӕд ныридæгæн загъд ӕрцыдысты, уӕд сӕ ног цард райдыдтой мӕ адæмы прогрессивон хизонынады, хиæмбарынады.

 

Комментариев нет.Авторизируйтесь, чтобы добавить комментарий.