Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзынӕн, ног дунеӕмбарынад сӕвзӕрын кӕныны хъуыддаджы ӕхсӕнадон змӕлд «Милуан ирон»-ы хъӕппӕристӕй иу кӕй у националон ахуырады реформӕ. Ирон сабитӕн сӕ фыццаг къахдзӕфтӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ сӕ хъуыдыкæнынады бавӕрӕм ахӕм зонд, бирӕзӕнӕг бинонтӕ хорз кӕй у, уымӕ тырнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ чи райсдзӕн йӕхимӕ педагогикӕйы демографион вектор айгӕрдыны ӕмӕ йӕ царды ауадзыны бӕрн.
Национ ахуырады ног концепцийыл бакусдзӕн РЦИ-Аланийы Ахуырады министрады кусӕг къорд, йӕ сӕргъы министры хӕдивӕг Дзанайты Марк, афтӕмӕй. Уыцы концепцийы бындурыл арӕзт ӕрцӕудзысты ног педагогон методикӕтӕ, ахуыргӕнӕн чингуытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ. Ахуыргӕнджытӕ та архайдзысты уыцы фӕрӕзты фӕрцы сӕ ахуырдзауты хъуыдыкӕнынад ӕмӕ миддунейы бавӕрын демографион хӕстӕ, се ‘ргом сын ӕдзух здахдзысты демографион фарстайӕн цы стыр нысаниуӕг ис нӕ адӕмы хъысмӕты, уыцы фарстамӕ. Гуырысхойаг нӕу, уыцы ивддзинӕдтӕ царды рауадзыны хъуыддаджы сӕйраг уӕз ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджытыл кӕй ӕрцӕудзӕн, уый. Цӕттӕ та кӕм кӕнынц ахуыргӕнджыты, филологты нӕ национ ахуырадӕн? Ахӕм «куырдадз» у ЦИПУ-йы ирон филологийы факультет.
Уымӕ гӕсгӕ ацы факультеты ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ хъуамӕ абон райдайой архайын «Милуан ирон»-ы педагогон хъӕппӕристӕ бамбарыныл, уыимӕ ӕвӕстиатӕй. Цалынмӕ паддзахадон ахуырадон уӕззау «машинӕ» бацӕттӕ уа ирон адӕмӕн хъӕугӕ педагогон продукт раттынмӕ, уымӕ ‘нхъӕлмӕ кӕсӕн нæй.
Цӕмӕй ахуыргӕнджыты ӕмӕ студентты ӕргом раздахӕм йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ чи кӕны, уыцы демографион ивддзинӕдтӕм, уый тыххӕй официалон ӕгъдауӕй фыстӕг ныффыстон факультеты декан Гуытъиаты Эльмирӕйы номыл. Уыцы фыстӕджы ӕз сидын, цӕмӕй нӕ редакцийы ӕмӕ ирон филологийы факультеты информацион фӕзуаты ‘хсӕн ӕрфидар уа ӕнгом бастдзинад. Факультеты студенттӕн сӕ бон у нӕ редацийы практикӕ ацӕуын дӕр, уым фӕлвардзысты уацхъуыдтӕ фыссын демографийы фарстатыл, интервью исын бирӕзӕнӕг бинонтӕй, сӕ цард сын ӕвдисын. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ змӕлд «Милуан ирон»-ӕн фӕзынд нырма уал чысыл, фӕлӕ уӕддӕр йӕхи бюджет. Мах цӕттӕ стӕм иучысыл мызд фидын курдиатджынддӕр студенттӕн.
Сӕттын ыл, нӕ националон проектыл кусыныл нын рӕстӕг нӕ фаг кӕны, ӕмӕ нӕ нӕ информацион ресурстӕ парахат кӕнынӕн ӕххуысгӕнджытӕ тынг хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм ирон филологийы факультеты разамонӕджы дзуаппмӕ.
Дерзко Мыслящий