ruРу
enEn
deDe

Цы-ма архайдтам ивгъуыд мӕйы?

Нӕ ӕхсӕнадон змӕлд «Милуан ирон»-йы ӕнтыстыты къӕбицмӕ нӕ бон бахӕссын у ног бавӕрӕннӕ дунеӕмбарынады, нӕ Ӕгъдауы бындурмӕ цӕмӕй ног цӕстӕнгас фӕзына, ахӕм хъӕппӕрис.

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ахӕм ног хъӕппӕристӕ равзӕрынӕн ӕмӕ сӕ царды рауадзынӕн хъӕуы егъау интеллектон куыст, уый та адӕймагӕй домы тынг бирӕ рӕстӕг ӕмӕ уды тыхтӕ, энерги. Уӕдӕ цӕуыл хардзгонд ӕрцыд уыцы царддӕттӕг тых?

14 сентябры нӕ информацион фӕзуатты фӕзындысты тынг ныфсхаст хъуыдытӕ, уыдон хауынц нӕ национ хиӕмбарынады, хъуыдыкӕнынады, нӕ Ӕгъдауы бындурмӕ. Уыцы ӕрмӕджы ӕргомгонд ӕрцыд нӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр хъӕппӕрис: «Нырӕй фӕстӕмӕ ирон адӕмӕй Ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн сӕ сӕйрагдӕр нысаныл хъуамӕ нымад ӕрцӕуа нӕ адӕмы нымӕц иугӕндзон фылдӕр кӕныны хӕс! Афтӕмӕй Ӕгъдауыл дзургӕйӕ кӕддӕриддӕр хъуамӕ хъуыдыйы уа, цӕй тыххӕй, цы нысанӕн ӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый дӕр». Ӕмӕ мӕ ныр фӕнды уыцы хъуыды райхалын.

Советон Цӕдисы фехӕлды фӕстӕ ӕдзухдӕр ӕхсӕнадон тыгъдады ирон адӕммӕ сидтысты, зӕгъгӕ, ирон адӕймаг хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕна ирон Ӕгъдау, цӕра йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, йӕ фӕстиуджытӕй зӕрдӕ райы – нӕ адӕмы фылдӕр хай ӕмбарынц, цы у Ӕгъдау, уый, архайынц Ӕгъауы фӕлгӕтты цӕрын.

Фӕлӕ, куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ нымӕц къаддӕрӕй къаддӕр кӕны, ӕмӕ нын Ӕгъдауы бон баххуыс кӕнын нӕу. Цӕмӕн? Цӕй мидӕг ис йӕ аххоссаг? Кӕд, мыййаг уый тыххӕй, ӕмӕ Ӕгъдауы домӕнты ӕхсӕн нӕй ахӕм, ирон бинонтӕ ӕнӕмӕнг  бирӕзӕнӕг хъуамӕ уой, ууыл дзурӕг чи у.

Уый афтӕ у, уӕхӕдӕг ма йыл ахъуыды кӕнут. Ӕгъдауыл дзургӕйӕ нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй «бирӕзӕнӕг бинонтӕ», зӕгъгӕ, уыцы ӕмбарынад. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕсивӕды хъуыдыкӕнынады Ӕгъдау ӕмӕ нӕ адӕмы нымӕц фылдӕр кӕныны хӕс кӕрӕдзийыл баст не сты.

Фӕлӕ кӕд ӕмӕ ирон адӕймагӕн Ирон Ӕгъдау йӕ царды бындур у, уӕд хъуамӕ архайа, цӕмӕй нӕ адӕм ма скуынӕг уой ӕмӕ ӕппынфӕстаг ма фесӕфой, ууыл. Ӕви нӕ Ӕгъдау ӕххӕстгӕнгӕйӕ, нӕ адӕм иуӕй-иумӕ куыд цӕуынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕм?!

Мӕнмӕ гӕсгӕ, уый раст нӕу. Хъауамӕ аивӕм нӕ цӕстӕнгас нӕ Ӕгъдаумӕ. Цард цӕуы, ӕмӕ Фарн йемӕ хӕссы, зӕгъгӕ, ахӕм ныхас баззад фыдӕлтӕй. Фӕлӕ абоны цард, хъыгагӕн, зын схонӕн у фӕрнӕйдзаг. Уазалзӕрдӕйӕ, куыдфӕндыйы цӕстӕм куы кӕсӕм на абоны цардмӕ, нӕ сомбонмӕ, уӕд нӕ нӕ фыдӕлты Фарн дӕр ныууадздзӕн. Рӕстӕг уый домы, цӕмӕй рагон Ӕгъдаумӕ бахӕссӕм ног бавӕрӕн – фӕхъӕздыгдӕр ӕй кӕнӕм демографион домӕнтӕй.

Уымӕ гӕсгӕ мах адӕмы рӕгъмӕ хӕссӕм нӕ хъӕппӕрис – ног хуызы ӕркӕсын хъӕуы нӕ царды бындурмӕ, нӕ Ӕгъдаумӕ ӕмӕ йӕм бафтауын хъӕуы ног нысан – ирон Ӕгъдауы домӕнтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыцы адӕмы нымӕц фылдӕр кӕнын.

Ныр-иу нӕ фӕсивӕдмӕ куы сидӕм, ирон Ӕгъдауы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд сын ӕнӕмӕнг сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын хъӕуы, цы нысанимӕ йӕ ӕххӕст кӕнын ӕмбӕлы, уый дӕр.

Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕуы, Ӕгъдауы домӕнтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоны нымӕц фылдӕр кӕнгӕйӕ!

Уыцы хъӕппӕрисы тыххӕй мах фехъусын кодтам «Стыр Ныхас»-ы разамонджытӕй иуӕн, фӕлӕ дзуапп нӕма райстам. Ацы уацхъуыдмӕ ӕрвитӕн (ссылка) дӕр арвитдзыстӕм «Стыр Ныхас»-мӕ.

Чи зоны райсдзыстӕм дзуапп, чи зоны – нӕ, фӕлӕ ацы хъӕппӕрис нӕ адӕмӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ кӕй у, уый гуырысхойаг нӕу, уымӕ гӕсгӕ йыл дарддӕр дӕр куысдзыстӕ.  Нӕ адӕмы хъуыдыкӕнынады хъуамӕ ӕрфидар уа. Бацархайдзыстӕм,  цӕмӕй Ӕгъдауы ӕмбарынадмӕ ивддзинад хаст ӕрцӕуа куыд уырыссаг «Википедийы», афтӕ нӕ мадӕлон ӕвзаджы  иузӕрдион фӕллойгӕнӕг Вячеслав Иванов ын цы ирон верси сарӕзта, уым дӕр.

Афтӕ нымад цӕуы, зӕгъгӕ, Ӕгъдау фӕзынд иу фондз мин азы размӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕмбрынад нӕм кӕцӕйдӕр цӕттӕйӕ не ‘рхаудта, фӕлӕ бонгай, азгай, ӕнусгай рӕзыд, уӕрӕх кодта нӕ фыдӕлты ӕрвылбоны царды фӕлтӕрддзинад хынцгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн сӕрмагондӕй гуырысхойаг нӕу, кӕй ралӕууыд ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ Ирон Ӕгъдауы бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыцы фыдӕлты фӕстагӕттӕ хъуамӕ ивддзинад кӕй бахӕссой Ӕгъдау хистӕрӕй кӕстӕрмӕ адӕттыны фӕткмӕ. Ныр та хъуамӕ нӕ кӕстӕртӕм сидӕм, куы хъӕуа, уӕд та сӕ домӕм, цӕмӕй Ӕгъдау ӕххӕстгӕнгӕйӕ кӕддӕриддӕр сӕ зӕрдыл дарой йӕ сӕйраг хӕс – Ирон Ӕгъдауы домӕнтӕм гӕсгӕ чи аразы йӕ цард, уыдоны нымӕц фылдӕр кӕнын хъӕуы!

 

Комментариев нет.Авторизируйтесь, чтобы добавить комментарий.