1 декабыры куыд делегат барбӕттӕг документимӕ N 239 ӕз архайдтон 11 ирон адӕмы съезды. Ӕмӕ мӕ сымахӕн фӕнды фӕхай кӕнын мӕ хатдзӕгтӕ.
Мӕнмӕ гӕсгӕ, съездтӕ хъӕуы кӕнын алы ӕртӕ азы дӕр, иу хатт фондз азмӕ нӕ, фӕлӕ. Уымӕн , ӕмӕ ӕз залы федтон йӕ зӕрдӕ кӕмӕн риссы Ирыстоны дарддӕры фидӕныл, ахӕм адӕм.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ фӕнды ирон адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнын. Фӕлӕ йӕ нӕ зонынц, уый тыххӕй цы хъӕуы саразын?
Мӕ зӕрдӕ дарын, ӕмӕ ӕртӕ азмӕ адӕмон змӕлд" Милуан ироны"-йы архайджыты нымӕц зынгӕ кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн.Ӕмӕ нӕм уӕд фӕзындзӕн тых ӕмӕ ныфс дарддӕр нӕ ӕмтохгӕнджыты хъӕппӕрисӕй скӕнын сӕрмагондӕй "демографион съезд". Йӕ нысан та уыдзӕн ирон адӕмы нымӕц фӕфылдӕр кӕныны проблемӕйыл архайд. Ныр та уал ӕрыздӕхӕм нӕ ивгъуыд хабармӕ.
Куыд ӕй бафиппайттой иуӕй-иу ӕмбырды архайджытӕ, иу съездӕй иннӕмӕ уавӕр нӕ ивы , чи зоны, ӕмӕ ӕвзӕрдӕр дӕр кӕны. Кӕд, ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг, культурӕйы уавӕр хуыздӕрӕй хуыздӕр кӕны, уӕд ирон адӕмы фылдӕр хайы царды уавӕртӕ , гуырынад ӕмӕ эмиграцион ситуаци та кӕуинаг у.
Хуссар Ирыстоны делегат Челӕхсаты Хъазбег радзырдта цы тыхст уавӕр ис демографион ситуаци нӕ хуссайраг ӕфсымӕртӕм.
Фӕлӕ та ӕрмӕст зӕлыдысты сидтытӕ.Сидт Хуыцаумӕ, адӕммӕ, депутаттӕм, хицауадмӕ. Съезды архайджытӕ сӕхӕдӕг дӕр ницы разӕвӕрд рахастой.
Уӕлдай тынг мӕ дисы ӕфтауынц хицауад ӕмӕ депутаттӕм сидт. Цымӕ йӕ уыдон не 'мбарынц цы уавӕры ис ирон этнос? Иууылдӕр ӕй тынг хорз зонынц.
Мӕ зӕрдӕ тынг риссы националон ӕгуыдзӕгдзинадмӕ кӕсгӕйӕ.
Ау, нӕхиуыл сӕртӕ нӕй? Нӕхи бон нӕу сӕрмагонд националон проекттӕ саразын?
Ӕви нын хъару ӕмӕ рӕстӕг нӕ фаг кӕны? Цӕмӕй азмӕ ӕртӕ хатты рацӕуӕм фӕллойады зиумӕ бирӕзӕнӕгджын бинонтӕн хӕдзӕрттӕ аразынмӕ. Ӕви нӕ бон нӕу нӕ проекты фӕрцы демографион реформӕтӕ саразын нӕ фӕссивӕды рухс фидӕны сӕраппонд?
Махмӕ ис ӕппӕты сӕйрагдӕр- патриоттӕ, йӕ адӕмы фидӕныл чи тыхсы, уыдон.Ӕмӕ уый знон ӕз мӕхӕдӕг федтон ӕмбырды.
Уымӕй уӕлдай ма, адӕмон змӕлд - "Милуан ироны"- йӕн фӕзынд ӕцӕг националон демографион прект. Ӕмӕ йӕ ныхмӕ нырма не рлӕууыд иу конструктивон оппонент дӕр. Фӕлӕ нӕ размӕ чи рбалӕууыд ӕмӕ нын нӕ архайдӕй чи раппӕлыд, ахӕмтӕ та фылдӕрӕй фылдӕр кӕнынц.Уыцы цау нӕй разӕнгард кӕны дарддӕр архайын.
Хӕдӕгай, хицауад схъӕлӕс кодтой, цӕмӕй МОД "Стыр Ныхас" баивой МОД "Алайнаг Ныхас"-ыл.
Адӕмон змӕлд "Милуан ироны"-йы сывзӕрд ног фӕтк -"Алайнаг Ӕгъдау". Йӕр сбӕрӕг уыдзӕн хъуыддагыл " Алайнаг"- ы хъуыды. Кӕмӕндӕр йӕ бон у ӕрмӕст сидын, иннӕтӕ та сӕ хъуыддӕгтӕй бацархайдзысты ирон адӕмы нымӕц фӕфылдӕр кӕныны проблемӕ алыг кӕныныл.