ruРу
enEn
deDe

«Алайнаг веб-модель» –ног социалон-экономикон формаци

«Алайнаг веб-модель» – ног социалон-æхсæнадон формаци

Уӕ бон хорз, рӕстзӕрдӕ адӕм! Интернеты тыгъдады хуымӕтӕджы пайдагӕнӕг чи у, фӕлӕ уавӕртӕ фӕстаг заманты активондӕрӕй архайын кӕй бадомтой, ахӕм адӕймаджы ацы уацӕй сымахӕн равдисын фӕнды йӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цӕстӕнгас, йӕ ахаст веб-тыгъдадмӕ. Бацархайдзынӕн, мӕ зонындзинӕдтӕ, мӕ фӕлтӕрддзинад цас амонынц, уыйас, раргом кӕнын мӕ хъуыдытӕ. Мӕ фӕлтӕрддзинад та мын уый амоны, ӕмӕ кӕддӕр рагон римаг поэт цы ныхас загъта: «Хлеба и зрелищ», зæгъгæ, уый социалон мидис абон дӕр актуалон кӕй у дунейы адӕмы фылдлӕр хайӕн. Уымӕй ма уыцы «Хлеба и зрелищ» нырыккон интернет-технологиты фӕрцы (с помощью цифровых технологий) адӕмы хъуыдыкӕнынады, сӕ ӕмбарынады рӕбинаг сси. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ алы заманты дӕр разыны ахӕм Адӕймӕгтӕ, царды, адӕмы хъуыдыкӕнынады чи ныффидар, ахӕм догмӕтӕ аивыны ныфс кӕмӕ разыны. Царды мидӕг мӕнӕн фӕндагамонӕг стъалыйау сты америкаг архитектор-новатор Бакминстерр Фуллеры ныхӕстӕ: «Кӕд дӕ зӕрды дуне аивын ис, уӕд ӕрхъуыды кӕн ног модель, ӕмӕ уӕд зӕрондӕн йӕ дуг аивгъуыйдзӕн, нал хъӕудзӕн». Ацы ныхӕстӕ зӕрдыл даргӕйӕ мӕнмӕ сæвзæрд ног цӕстӕнгас дунеон интернеты тыгъдадмӕ. Схуыдтон ӕй «Алайнаг веб-модель» («Аланская веб-модель»), фӕнды мӕ хъуыдытӕ, мӕ фӕндтӕ уӕ размӕ рахӕссын.

Абон наукӕ ӕмӕ техникӕ ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ схызтысты, ӕмӕ зӕххы къорийы адӕмы фылдӕр хайӕн ӕххормагӕй тас нал у, уӕдӕ адӕм «ӕфсӕст» сты алыхуызон хиирхӕфсӕн уынинӕгтӕй (зрелища) дӕр. Нымӕцон технологитӕ: чырӕг бастдзинад, телеуынынад, интернет ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнын уыцы хӕс. Уыцы технологиты хицӕуттӕ та нӕ цымыдисы фæрцы систы ӕвӕджиау хъӕздыг, уыимӕ, уыдоны ӕппындӕр не ‘ндавы цы нын ӕвдисынц, ци информаци «ӕппарынц» дунеон тыгъдадмӕ, уый моралон мидис. Уыдонӕн сӕйрагдӕр у, куыд гӕнӕн ис, афтӕ фылдӕр ӕхца бакусын. Хъыгагӕн, фылдӕр хатт цы информаци уынӕм, хъусӕм, уымæн ис тынг цъаммар мидис, халы адӕмы миддуне, никӕуыл ауӕрды. Уӕлдай хъуыдыйаг сты рӕзгӕ фӕлтӕр: чи нӕма сфидар, уыцы дунеӕмбарынад, хъуыдыкӕнынад ӕвзары егъау ӕппӕрцӕг ӕндӕвдад. Уыцы ӕппӕрццӕг информаци халы ӕхсӕнадон цард, адӕмы кӕрӕдзийыл ардауы, дихтӕ нӕ кӕны, халы адӕмты ‘хсӕн бастдзинад дӕр. Мӕнмӕ гӕсгӕ, хъуыдыгӕнӕг адӕм хъуамӕ баиу кӕной сӕ тыхтӕ ӕмӕ аккаг ныхкъуырд раттой информацион хӕстӕн. Хъуамӕ бахъахъхъӕнӕм ӕхсӕнадон ӕгъдау, нӕ сабиты рӕзгӕ удты сыгъдӕгдзинад.

Æппӕт уыцы хъуыддӕгтыл сагъӕсӕй райгуырд новаторон интернет-проект «Аланская сеть» («Алайнаг ӕгъдау»), райгуырд Беслӕныхъӕуы цы ӕвирхъау трагедии ӕрцыд, уый фӕстиуджытыл сагъӕсӕй, райгуырд нӕ Ирыстоны рухс сомбоныл мӕтӕй.

Проекты фыццаг къахдзӕф у нӕ сайт. Нырма у хӕрз хуымӕтӕг, йӕ сӕйраг хӕс та – сбӕлвырд кӕнын нӕ адӕмы ахаст информацион цифрӕмӕ. Сайты куысты фыццаг бæрæггæнæнтæй баззадыстӕм разыйӕ, уыдон нын равдыстой, раст фӕндагыл кӕй ӕрлӕууыдыстӕм. Ныр та сайт саразæг хъæппæрисон къорд, йæ разамынд архайдзысты, цӕмӕй нӕ фӕлварӕнӕй сырӕза егъау, дунейы ӕмбал кӕмӕн нӕма ис, ахӕм алайнаг веб-проект.

Нӕ куысты сӕйраг нысан у информацион нымӕц ӕгъдауы фӕлгӕтты бакӕнын, хъомыладон мидис дзы бауадзын, нӕ адӕмы проекты алфамблай ӕрбангом кӕнын, иугӕнӕг фӕрӕз дзы рауайын кӕнын. Цы материалон ӕфтиаг хӕсдзӕн сайт, уыцы фӕрӕзтӕй та нӕ республикӕйы хъӕддых, цардхъом граждайнаг ӕхсӕнад саразынӕн спайда кӕнын.

Проект цардмӕ рацыд хъӕппӕрисадон къорд «Фидӕн»-ы фӕрцы, йӕ архайджыты нымӕцы ис ацы уацы автор дӕр. Уыцы къорды уӕнгтӕ сты Ирыстоны дзыллæйы сомбоныл сагъӕс ӕнцад бадын кӕй нӕ уадзы, ахӕм адӕм. Нӕ проект цӕмӕй йӕ тыхы бацӕуӕ, ӕмӕ нӕ сомбононӕн исты пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй фыццаджы-фыццаг бацархайын хъӕуы, проект размӕ чи кӕна, ахӕм хъӕппӕрисджын, куыстуарзаг, бӕрнон, рӕстзӕрдӕ адӕм бацагуырыныл, сӕ дзырд сӕ хъуыддӕгтимӕ ӕмдзу кӕмӕн кӕны. Ацы хӕсимӕ ӕнгом баст у нӕ проекты дыккаг хӕс: ахӕм мадзӕлттӕ, ахӕм методикӕ ӕрхъуыды кӕнын, цӕмӕй Рӕстдзинад йӕ царды тырыса кӕмӕн, у ахӕм адӕймӕгтӕ хъомыл кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ӕхсӕнад «бафсадӕм» ахӕм Адӕймӕгтӕй. Хъуамӕ уыцы методикӕ апарахат уа нӕ ӕхсӕнады, цардхъом суа.

Махӕн нӕ зӕрды ис уӕлдӕр цы «зрелище»-йы кой кодтам, ома ирхӕфсӕн информаци, уымӕй Ирыстоны, Уӕрӕсейы адӕмы хуыздæр фидæны сæраппонд спайда кӕнын, ӕвӕрццӕг апп дзы ссарын, ӕгъдау ӕмӕ фӕтк æрфидар кæныны фæрæз дзы рауайын кæнын. Цы потенциалон ӕфтиаг хӕсса, уый та цӕмӕй суа адӕмы, ӕхсӕнады «дзул» (ома бафсадыны мадзал). Цӕмӕй уыцы нысан ӕххӕстгонд ӕрцӕуа, уый тыххӕй нӕ размӕ ӕрӕвӕрдтам ӕртӕ хуызы хӕстӕ: хъомыладон, информацион ӕмӕ экономикон. Ацы хӕстӕ ӕххӕстгонд куы ‘рцӕуой, уӕд нæ бон цæхгæр аивын бауыдзæн цæргæ цæрæнбонты адæмыл хицауиуæг чи кæны, уыимæ адæммæ æгомыг фосы цæстæй чи кæсы, æрмæст йæхи пайдайыл чи тыхсы, уыдоны фæндтæ.

Сайты хъомыладон арӕзт (посыл) ӕнӕмӕнг уыдзӕн Уӕрӕсейы закъоны арæнты. Куыд хистӕрты, афтӕ кӕстӕрты ӕргом дӕр здӕхт уыдзӕн ӕхсӕнадон цардмӕ: хъуамӕ мачи кӕса куыдфӕндыйы цӕстӕй йӕ алфамблай цы цӕуы, уымӕ, алчи дӕр хъуамӕ архайа ӕхсӕнады царды, йӕ авналӕнтӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕ цас амонынц, уыйас, уымӕн ӕмӕ иуы хорзӕй цард нӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн. Адӕймаг цӕры ӕхсӕнады мидӕг ӕмӕ хъуамӕ архайа исты пайда ӕрхӕссын, цард фӕхуыздӕр кӕныныл. Уыцы архайд та ӕнӕмӕнг хъуамӕ цӕуа Рӕстдзинады домæнтæм гæсгæ, ома адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ хъуамӕ баст уой, ӕмдзу кӕной, фыццаджы-фыццаг нӕхи дӕнцӕгыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм кӕстӕрты рӕстзӕрдӕйӕ цӕрыныл.

Абон ирхæфсæнæн («зрелищейӕн») фӕзынд ӕндӕр фӕлдисӕн, аразӕн ӕхсӕнадон функци (созидательная функция), фӕлӕ уый сӕххӕст кӕнынмæ хъуамӕ цӕстдард уа, уыцы ӕвӕрццӕг, пайдахæссæг информацион нымӕц аразæг процесстæм. Абоны бон ирхӕфсӕн информацион фӕрӕзтӕ, ома цифрæ (нымӕц) ис паддзахад ӕмӕ хицӕн адӕймӕгты къухы. Нӕ размӕ цы хӕс сӕвӕрдтам уый сӕххӕст кӕнынмӕ та хъуамӕ уа ӕхсӕнад ӕмӕ хицæн адæймæгты ӕмбалады дӕлбар (общественно-частная собственность). Мах, сайт «Аланская сеть»-ы саразджытӕ, нӕ размӕ сæвӕрдтам вазыгджын ӕмӕ бӕрнон хӕс – саразын ахӕм ӕмбалад Ирыстоны фидæны фӕлтӕрты ӕхсӕнадон фондимӕ иумӕ. Ахӕм фонд саразыныл хъуамӕ бацархайой нӕ республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕй Ирыстоны сомбоныл йӕ зӕрдӕ кӕмӕн рисы, куыдфӕндыйы цӕстӕй йӕм чи нӕ кӕсы, ӕмӕ райсомы фӕлтӕрты раз йе стыр бӕрн чи ӕмбары, ахӕмтӕ. Уыцы фонд фæстæдæр суыдзӕн ООО «Аланская сеть»-ы, ома сайты бындурӕвӕрӕджы, 77,7 % хицау, мулкдар. Ныртӕккӕ, цалынмӕ фонд йӕ тыхы бацӕуа, уӕдмӕ националон фонды хӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн фонд «БВФ».

Кӕд ӕмӕ нӕ къухы бафта нӕ сайты трафик размӕ ракӕнын, цӕмӕй сайт йæ тых, йæ бонæй æркуса, уӕд фӕзындзысты сæ рекламӕ чи парахат кæндзæн сайты фæрцы, ахæм уагдонтӕ, кыстуӕттӕ, ома сайт ӕфтиаг хӕссын райдайдзӕн. Ома нӕ сайты хъӕуы иугӕндзон пайдагӕнӕг – уый та у Ирыстоны патриотыл йӕхи чи нымайы, йӕ рухс сомбонмӕ йын чи бӕллы, чи ӕмбары, сайт йӕ тых йӕ бонӕй ӕркусын кӕнын, йӕ трафик ын сисын, алкæмæн дæр йӕхи пайдайӕн кӕй у. Уый та уымæн, ӕмӕ нацоналон фонд у нӕ алкӕй пайдайӕн дӕр.

Уырны нӕ нӕ республикӕйы цӕрджытыӕй 7% уӕддӕр кӕй æрбалæудзысты нæ фарсмæ. Сайты цы ӕрмӕг мыхуыргонд цӕуа, уый, фыццаджыдӕр, хъуамӕ дзуапп дӕтта бӕрзон моралон-этикон домӕнтӕн ӕмӕ Уӕрӕсейы закъонӕн. Нӕ сайты ӕфтиаджы фылдӕр хай (77,7 %) цӕудзӕн Ирыстоны националон фондмӕ. Сайт цы фыццаг 7770 сомы бакуыста, уыдон уал абоны бон хаст ӕрцыдысты националон фонды хӕстӕ рӕстӕгмӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы фонд «БВФ»-мӕ. Мах сбӕлвырд кодтам, ӕхсӕнадон IT-проекты ахӕм экономикон модель куыстхъом кӕй у. Ныр та нӕ хӕс у, уый ӕппӕт хъуыдыгӕнӕг ӕмӕ рӕстдзинадуарзаг адӕмӕн равдисын.

Информацион цифрӕмӕ (нымæцмæ) ахӕм новаторон цӕстӕнгасæн йӕ апп, йӕ сӕйраг мидис ӕвдыст цӕуынц нӕ сайты девизы: «Рӕстзӕрдӕ адӕм – дунейы сомбон». Æхсӕнадон исбонӕн уӕвӕн ис ӕрмӕстдӕр рӕстдзинад йӕ царды тырыса кӕмӕн у, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ, бӕрнон адӕймӕгты къухы, Рӕстдзинады адӕмы къухы. Уымӕ гӕсгӕ не ‘ппӕты дӕр бахъӕудзӕн ахӕм адӕймӕгты агурын, бӕрӕг кӕнын ӕмӕ сӕ минӕвар кӕнын уыцы ӕхсӕнадон исбонмӕ цӕст дарынмæ, къухдариуӕг ыл кӕнынмæ. Ахӕм адӕймӕгты фӕрцы хъуамӕ ӕппынӕдзух бӕрӕг кӕнӕм уыцы ӕхсӕнадон исбон. Ома ацы хъæппæрисы (схонæм æй «Честный проект») нысан у æхсæнады арфæй размæ ахæм Адæймæгты ракæнын, Рæстдзинады домæнтæм гæсгæ чи цæры, Рæстдзинад йæ царды тырыса кæмæн у, мӕнг, фӕлывд фæлхасадон фурды махæн не ‘ппæтæн дæр æгъдауы, намысы фидар цæджындзтæ чи суыдзæн. Уымæй сæрагдæр та у базонын ахæм Адæймæгты хъомыл кæнын, цæмæй нын нæ хъуыддаг адарддæр кæной. Уыцы хъуыддаг нæ къухы куы бафта, уæд нæ ныфс уыдзæн, рæстæджы тыгъдады кæй нæ бамынæг уыдзысты нæ хъуыдытæ, нæ фæндтæ, Рæстдзинады историон фидæн, ома нæ фæстагæтты фидæн. Иуныхасæй, мах хъæуы рæстзæрдæ адæм хъомыл кæныны методикæ æрхъуыды кæнын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алы адæймаг дæр йæхирдыгонау æмбары интернеты тыгъдады цы хиирхæфсæн мадзæлттæ ис, уыдоны нысан. Фæлæ, нæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ монон цардыл чи хъуыды кæны, ахæм адæмтæм хуымæтæг хиирхæфсæн информацион ресурсты æмрæнхъ хъуамæ уа, ахæм националон информацион фæрæз, Рæстдзинад размæ чи кæны, тырысайау æй бæрзонд чи хæссы. Абоны бон мах ахæм фæрæзтæ саразыны амал уынæм æрмæст национало-территориалон иугондты мидæг, кæд нформацион фæрæзты (цифрæйы) авналæнтæ æхсæнады мидæг бирæ уæрæхдæр сты, уæддæр. Мæнмæ гæсгæ, лæвæрд территорийыл æппæт цæрæг адæмты интерестæ чи хъахъхъæны, æрмæст уыцы националон фондты къухы æнтыстджынæй бафтдзæн æхсæнадон исбон информацион цифрæмæ бахæссын. Ахæм хатдзæгмæ æрцыдыстæм нæ фыццаг фæлтæрддзинад хынцгæйæ. Ныр та цыбырæй æрлæудзынæн цы хуызы уынæм национ интернет-цифрæйы, ома новаторон сайт «Алайнаг æгъдау» («Аланская сеть») рæзт.

Куыд загътам, афтæмæй ÆХСÆНАДОН ИСБОНÆН уæвæн ис æрмæст рæстзæрдæ, сыгъдæгуд адæймæгты разамындæй. Ахæм разамонджытæ дæтдзысты финансон хыгъдлæвæрд, дзуапп уыцы исбоны хицауæн – æхсæнадæн. Хæрз чысыл гуырысхо проекты рæстдзинадыл – проекты сæфт. Йе ууæнк чи бахæра, ахæм проекты адæм нæ архайдзысты. Сайты æнтыстджын коммерцион куыстæн та æнæ бæрзонд интернет-трафик уæвæн нæй, уымæн та хъæуы, цæмæй адæм активонæй пайда кæной сайтæй. Паддзахадон оргæнтæ, чиновниктæ дæр хъуамæ сайтмæ, йæ æфтиагмæ мацы бар дарой, уымæн æмæ уæд сайтыл æууæнк нæ уыдзæн, æмæ проект фесæфдзæн. Ам сæвзæры фарст: паддзахады бахъæудзæн «сызгъæрин æйчытæ æфтауæг карк» æви нæ, проекты раст куыст нысан кæны, налогтæ, фиддонты раст фидыны хъуыддаг дæр. Уыцы фарст, хъыгаггæн нырма лыггонд нæмæ у – мах бар нæу йæ алыг кæнын. Адæмы æууæнк, сæ зæрдæтæ балхæнынæн ис æрмæст иунæг фæрæз – националон фонды материалон фæрæзтæ хъуамæ раст уарой æрмæст адæмæн сæхи æвзæрст æууæнкджын минæвæрттæ (уый у проекты авторы хъуыды). Фæнды мæ уе ‘ргом иу хъуыддагмæ аздахын: æмбырдгонд æхцайы фæрæзты æмбис хъуамæ æфснайд цæуой, æвналæн сæм уа æрмæст бахъуаджы заман – национ æдасдзинадæн тас куы уа, ахæм æнæнхъæлæджы уавæрты. Уый у æнæмæнг сæххæст кæнинаг домæн. Æрмæст ахæм уавæрты ис проектæн æууæнкджын уæвæн, стæй ахæм домæнтæ бахъахъхъæндзысты мах дæр æмæ фонды фæрæзтæ дæр не знæгтæй. Нæ проектæн та знæгтæ, къуылымпыгæнджытæ кæй уыдзæн, уый гуырысхойаг нæу. Финансон хыгъдлæвæрд суадонау рæсуг куы уа, стæй фонды æфтауцы нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны, уый адæм куы уыной, уæд уый уыдзæн нæ хуыздæр «хъахъхъæнæн грамотæ», нæ фидар уарт знæгтæй.

Ныр та æрдзурæм чысыл бизнесы архайдыл æхсæнад æмæ амалхъом адæймæгты (бизнесменты) æмбалады. Уый тыххæй та нæ нæ проекты бындурыл æркæсын хъæуы æхсæнад æмæ чысыл бизнесы æмбалад, æмархайдмæ. 77,7% уыдзæн националон проекты исбон, уымæ гæсгæ æфтауц дихгонд цæуы афтæ: 77,7% – националон фондмæ. 22,3%- мæ та сæ цæст дардзысты æмæ сын уынаффæ кæндзысты ООО «Алайнаг æгъдау»-ы («Аланская сеть»)-ы хъæппæрисадон къорд. Уыцы æхцайы фæрæзтæ хардзгонд цæудзысты сайты райрæзтыл, цæмæй къуыстхъом уа, стæй проекты рæзтæн пайда чи хæсдзæн, уыцы хъуыддæгтыл. Сайт у нæ зæрды цы стыр проект саразын ис, «Алайнаг æгъдау» («Аланская сеть»), зæгъгæ , уый æнтыстджын сомбонмæ нæ фыццаг къахдзæф. Ахæм æмбалад мах рахуыдтам «алайнаг æмбалад». Афтæмæй æхсæнадон-сӕрмагонд æмбалады (общественно-частное партнерство) чи архайдзæн ахæм амалхъом-патриотæн мах дæттæм гæнæнтæ ахæм экономикон проекты архайгæйæ, йæхи дзыпмæ дæр исты æфтиаг бакусынæн.

Зæгъæм, Ирыстоны амалхъом патриотæн йæхи фæрæзтæй йæ бон у хойрæгты дукани саразын æмæ байгом кæнын «Алайнаг æгъдау»-ы брендимæ æмæ йæ акциты 77,7% националон фондмæ раттын, 22,3 % та – йæхицæн ныууадзын. Уыцы дукани хъуамæ уа фонды структурæты бархъомысы, алайнаг аудиты дæлбар. Проекты æппæт архайджытæ дæр: адæмон фонд (куыд Ирыстоны адæмы минæвар), амалхъом адæймаг (частник-бизнесмен), стæй паддзахад, куыд хъалонисæг структурæ, хъуамæ архайой, цæмæй финансон хъыгдлæвæрд уа цæстуынгæ æмæ объективон. Уый дзы куы нæ уа, уæд проектæй ницы рауайдзæн, уымæн æмæ проектыл æууæнк нæ уыдзæн æмæ ахæм дуканимæ æлхæнджытæ нæ цæудзысты. Дукани байгомгæнæг амалхъом адæймаг (бизнесмен) иннæтæй тынгдæр уыдзæн архайдзæн, цæмæй цы æхцайы фæрæзтæ схардз кодта йæ бизнесыл, уыдон фæстæмæ сиса, стæй ма уымæй уæлдай уæлæфтау æхца дæр фылдæр бакуса. Цы æхца схардз кодта бизнес багом гомгæнгæйæ, уыдон куы райса фæстæмæ, уæд дардæр цы æфтиаг хауа дуканийы куыстæй – 22,3%, уыдон уыдзысты йæхи. Уый архайдзæн, цæмæй дуканимæ фылдæр æлхæнджытæ цæуа, цæмæй йæ куыст æфтиаг хæсса. Хъуыдыгæнæг бизнесмен, йæ адæмы хорздзинадмæ чи бæллы, йе ‘ххуысы хай йын чи нæ бавгъау кæндзæн, ахæм йе ‘мбæстæгтæн «цæттæ кæсаг» раттыны бæсты ратдзæн «æнгуыр», ома æдзух хæрзаудæн акцитæ аразыны бæсты йæ куысты фæрцы йæ бавæрæн хæсдзæн йæ адæмы бæллиццаг фидæнмæ. Уыимæ, йæ кæстæртæн, йæ фæстагæттæн ныууадздзæн æппынæдзух æфтиаг чи хæсдзæн, ахæм бизнес, стæй æнæлаз кад æмæ ном. Уыцы сæрмагонд, хицæн хай (частная доля) – 22,3 % проекты мидæг мах схуыдтам «алайнаг сæрмагонд интерес» («аланский личный интерес»).

Уыимæ алы хъуыддаджы дæр хъæуы зонын бæрц – алайнаг экономикæйы процент хъуамæ нæ республикæйы æппæт экономикæйæн йæ 7% фылдæр ма уа. Зындзинæдтæ бирæ уыдзæн. Нæ фыццаг фæлтæрддзинад куыд равдыста, афтæмæй проект рæстзæрдæ кусджытæй сифтонг кæнын дæр æнцон хъуыддаг нæу. Уымæ гæсгæ, æхсæнадон экономикæ æркусын кæнын, тых дзы бауадзын абон-райсомы хъуыддаг нæу – хъæуы рæстæг, лæмбынæг æмæ бæлвырд куыст. Æппæты зындæр æмæ ахсджиагдæр – Рæстдзинады домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм адæм ссарын проектмæ. Проект йæхæдæг та суыдзæн æрыгон, æууæнкджын, бæрнон фæсивæдæн (уæлдайдæр та цыбыркъух бинонтæй чи рацыд, ахæмтæн) социалон лифт. Ахæм фæсивæдæн сæ зæрдиаг, бæрнон куысты фæрцы амал фæуыдзæн æхсæнады, бизнесы æмæ царды æндæр къабæзты аккаг бынат бацахсынӕн, размæ рацæуын.

Зӕгъын хъӕуы уый дæр, ӕмӕ ис ахӕм адӕмтӕ, нӕ проекты хуызӕн проекттӕ хъӕугӕ дӕр кӕй нӕ кӕнынц. Цæвиттон, алы иртӕстыты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ Финлянди къорд хатты нысангонд ӕрцыд куыд дунейы тӕккӕ ӕууӕнкджындӕр паддзахад. Туристтӕн цы зӕрдылдарӕн гӕххӕт раттынц, уым мыхуыргонд вӕййы хицауады сидт ӕрбацӕуӕг адӕммӕ, зӕгъгӕ, финӕгтӕ ӕууӕндаг сты, уырны сæ, алы адӕймаг дӕр йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый. Чи зоны, уымӕн хонынц ацы паддзахад ныр ӕртӕ азы фӕд-фӕдыл ӕппӕты амонджындӕр паддзахад (ООН-ы нымадмӕ гӕсгӕ).

Ирыстоны адӕмы ацы проект бӕлвырд ницы зиан ӕрхӕсдзӕн, пайда йеддӕмӕ. Нӕй дзы бынат дины фарстатыл быцӕутӕн, политикӕйӕн, стӕй нӕ адӕмӕн чысыл зиан дӕр чи хӕссы, дихтӕ, кӕрӕдзийы ныхмӕ нӕ чи кӕны, ахӕм темӕтӕн. Мах политикӕйӕ стӕм дард, нӕ размӕ не ‘вӕрӕм политикон нысантӕ. Мах кусӕм нӕ фӕрнджын сомбонӕн. Проекты нысан у – нӕ фӕстагӕттӕн аккаг фидæн чи ратдзӕн, Ирыстоны ахӕм фидар ӕхсӕнад саразын.

Кӕронбӕттӕны зӕгъӕн ис: нӕ интернет-проектæй, бӕлвырддӕр та нырыккон интернет-тыгъдадмӕ, ирхӕфсӕн информацимӕ ног цӕстӕнгасӕй райгуырдзӕн бынтон ног ӕхсӕнадон социалон-экономикон формаци информацион технологиты ӕнӕкӕрон арӕнты. Уыцы ног цӕстӕнгас тынг пайдайаг у сомбоны ӕхсӕнадӕн куыд экономикӕйы’рдыгӕй, афтӕ уды хуыздӕр миниуджытӕ фидар кӕныны фарстаты дӕр, монон рӕзты, уымӕн ӕмӕ арӕзт у ӕхсӕнады Рӕстдзинад парахат кӕнынмӕ. Проект райгуырд Беслӕны трагедийы фӕстиуджытыл сагъӕсӕй. Беслӕныхъӕуы сабиты ӕвирхъау мӕлӕт ӕрцыд хистӕрты мӕнгдзинад, гӕдыдзинад, мӕнгарддзинады аххосӕй. Сӕ мӕлӕт нӕ фӕдзӕгъӕлы ис, райхъал кодта адæмы иу хай, уыдон та хъуамæ райхъал кæной иннæты. Трагедийы фæстиуæг – райгуырд ахӕм ног социалон-ӕхсӕнадон царды модель, фидæны фӕлтӕрты рӕстад, рӕстдзинадӕй чи сифтонг кӕндзӕн. Мах хъуамӕ аивӕм рагон римаджы ныхас «хлеба и зрелищ»-ы мидис. «Зрелище»-йӕ скӕндзыстӕм ӕхсӕнадон «дзул», хойраг – комкоммӕ ӕмӕ ахӕсгӕ нысаниуӕджы, ома уд «ӕфсадӕн», уды миниуджытӕ бӕрзонддӕргӕнӕн «хойраг».

Канд ирхæфсæн цифрæ нæй аивæн. Экономикон сферæмæ паддзахадон структурæтæй дарддæр националон фондтæ дæр хаст куы ‘рцæуой, уæд бындуронæй аивдзæн аппæт дунейы социалон-æхсæнадон арæзт дæр. Уымæн æмæ лæвæрд территорийыл цы адæмтæ цæры, æппæт уыдоны интерестæн дзуаппдæттæг территориалон-националон фондтæ, паддзахадон структурæтæй уæлдай, уæгъд уыдзысты бюрократон ракæ-бакæтæй æппæрццæг миниуджытæй. Уыцы фондтæ суыдзысты рæувадат æмæ демократон фæрæз адæмæн баххуыс кæнынæн, стæй амал дæтдзысты æхсæнад рæстзæрдæ адæмæй сифтонг кæнынæн. Раст дзырдæуы: «ТЫХ РÆСТДЗИНАДЫ ИС».

Ныр та ногæй комкоммæ сидын рæстзæрдæ, æууæнкджын адæммæ. Абоны онг мах нæма ссардтам аналогтæ нæ интернет-хъæппæрисæн, стæй æвæццæгæн аргæ дæр не скæндзыстæм. Уымæ гæсгæ нырæй фæстæмæ информацион интернет-тыгъдады ацы æхсæнадон-социалон модель хуыйндзæн «АЛАЙНАГ ВЕБ-МОДЕЛЬ». Курдиат æппæт æгъдауылхæст адæммæ: Беслæныхъæуы æдзард сабиты ном мысынæн æй хонут æрмæстдæр афтæ. Термин «Алайнаг моделæй» та пайдагонд цæудзæн националон фондтæ дзыллон социумы æппæтэкономикон сывæлдæгмæ бахæссынæн. Æрбалæуут йæ фарсмæ нæ проектæн. Уый арæзт æрцыд сымахæн æмæ у кæстæртæн. Арæхдæр хизут сайтмæ, кæсут уацтæ, фыссут комментаритæ, дзурут уæ хъуыдытæ, æвæрут лайктæ-арфæтæ конкурсон куыстытæн, стæй рекламæдæтджыты аккаунттæн, фæкæсут нæм трафик фæфылдæр кæнынмæ.

Дæ рухс фидæнмæ дæ бавæрæн бахæсс, рæстзæрдæ адæймаг!

https://777alan.com/

Автор: Дерзкомыслящий (Фæсмæрхъуыдыгæнæг)